Президент Южной Осетии Анатолий Бибилов поздравил сограждан с Днем осетинского языка

Арфæ Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны цытæн

Республикæйы зынаргъ цæр-джытæ!
Абон мах нысан кæнæм нæ ахс-джиагдæр бæрæгбонтæй сæ иу – Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон!
Ирон адæмæн мадæлон æвзаг у историон æмæ культурон бынты бындурондæр къабæзтæй нæ, фæ-лæ фæлтæрæй фæлтæрмæ хизæг националон æгъдæуттæ æмæ хæд-гъуыз традициты уникалон гуырæн. Æвзаг у нæ культурæйы иууыл зынаргъдæр хай, литературæ та нæ хъæздыгад. Уадз уыдон рæзæд æмæ фылдæр кæнæнт ног сфæл-дыстадон æнтыстытæй æмæ Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон та республикæйы æппæт цæрджытæн дæр суæд æцæг бæрæгбон, зæр-дыл лæууын кæнæд, кæуылты хъæздыгад нын ис æмæ нæм сидæд нæ монон исад бахъахъхъæнынмæ!
Зынаргъ хæлæрттæ!
Ацы нысаниуæгджын бон æз иу-уыл зæрдиагдæр фæндиæгтæ зæ-гъын, адæммæ дзырды ад чи хæц-цæ кæны, ирон æвзагыл чи ауды, йæ рæзты хъуыддагæн йæ зонындзи-нæдтæ æмæ фæлтæрддзинадыл чи нæ ауæрды, æппæт уыдонæн.
Уадз æмæ Хетæгкаты Къостайы, Абайты Васойы, Нафийы мадæлон æвзаг зæлæд Ирыстоны алы хæ-дзары дæр! Уарзут æмæ хъахъхъæ-нут мадæлон æвзаг! Махæн не ппæ-тæй кæнгæ у не взаг æмæ нæ литературæйы фидæн! Мæ зæрдæ уын зæгъы фæрныгад æмæ хæрзиуджытæ!