Мадæлон æвзаджы райрæзт æмæ йæ уæвынад у ирон адæмы сæйрагдæр хæс
Зынаргъ æмбæстæгтæ!
Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын ирон æвзаджы боны цытæн. Абон нæ мадæлон æвзаг йæ райрæзты фæндагыл лæуд у, æмæ нæ республикæйы къухдариуæгад æппæт амæлттæй архайы йæ фидæныл. Нæ республикæйы хæдбардзинад расидын æмæ йæ банымайын махæн не’взаг сæндидзын æмæ райрæзты фæндагæй аиуварс кодта цæлхдуртæ, æмæ нæ ныр ницыуал хъыгдары. Уый сæраппонд ист æрцыдысты ахæм ахсджиаг документтæ, куыд закъæттæ паддзахадон æвзæгты тыххæй, ирон мыггæгты тыххæй, географион нæмтты тыххæй. Сæрмагонд бынат ахсы ирон æвзаджы райрæзты Паддзахадон программæ. Уый бындурыл егъау куыст кæй цæуы нæ мадæлон æвзаг сæндидзын æмæ йæ дарддæры райрæзтыл, уый бæрæг у. Мах дарддæр дæр архайдзыстæм йæ сæххæст кæныныл.
Нæ дзыллæйады хъуамæ алчидæр æмбара, куыд хъæздыг хæзна нын ныууагътой нæ уæздан фыдæлтæ. Ирон æвзагы руаджы дуне базыдта Нарты кадджытæ, ирон æвзагыл фыст æрцыдысты æнæамæлгæ уацмыстæ, ирон æвзаг нымад у дунейы æндæр æвзæгты æмрæнхъ. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, бæлвырд бындур у нæ мадæлон æвзаджы дарддæры райрæзтæн. Мæн абон зæгъын фæнды бузныджы ныхæстæ нæ интеллигенцийы минæвæрттæн, ахуыргæндтæн æмæ ахуыргæнджытæн, нæ цытджын фысджытæн æмæ массон информацийы фæрæзты кусджытæн, йæ мадæлон æвзаг зынаргъ кæмæн у æмæ йæ райрæзтыл æнувыдæй чи архайы, æппæт уыдонæн. Фæлæ мадæлон æвзаг мах хъуамæ уарзын кæнæм сабийы карæй. Уый тыххæй та фыццаджыдæр йæ хъысмæт баст у бинонтыл. Сывæллон йæ мадæлон æвзаг бауарздзæн æрмæстдæр уæд, йæ хæдзары йæ ныййарджытæй куы хъуса æмæ йыл куы дзура, уæд.
Мæн фидар ныфс ис, дарддæр дæр нæ тых æмæ нæ фæрæзтæ кæй нæ бахæлæг кæндзыстæм нæ уарзон мадæлон æвзаг райтынджы сæраппонд. Мадæлон æвзаджы райрæзт æмæ йæ уæвынад у ирон адæмы сæйрагдæр хæс.
Æнустæм цæрæнт ирон æвзаг æмæ ирон æвзагыл дзурæг адæм!
Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ТЫБЫЛТЫ Леонид
***
Ацы бæрæгбон бæлвырд кæны мадæлон æвзагмæ аудгæ ахаст дарыны æнæмæнгхъæуындзинад
Республикæйы зынаргъ цæрджытæ!
Арфæ уын кæнын ирон æвзаг æмæ литературæйы боны сæраппонд! Абон мах нысан кæнæм ахсджиаг æмæ нысаниуæгджын бæрæгбон. Махæй алкæмæндæр, йæ адæмы истори зынаргъ кæмæн у, йæхи Ирыстоны хайыл чи нымайы, ацы бæрæгбон бæлвырд кæны мадæлон æвзагмæ аудгæ ахаст дарыны æнæмæнгхъæуындзинад.
Дунейы зындгонд ахуыргонд Абайты Васойы ныхæстæм гæсгæ национ хиæмбарынад æнæфæхицæнгæнгæ у национ æвзагæй æмæ кæцыфæнды æвзаджы мæлæт дæр нысан кæны адæмы, куыд сæрмагонд этносы, мæлæт: «Хъуамæ алчидæр æмбара: æвзаджы фесæфт у адæмы фесæфт. Нæй æвзаг – нæй адæм».
Республикæйы къухдариуæгад сæйрагдæрыл нымайы мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны фарстатæ. Хицауады цур арæзт æрцыд ирон æвзаг бахъахъхъæныны, ахуыр кæныны æмæ рæзты фæдыл къамис, адарддæр æрцыд паддзахадон программæ, кæцы здæхт у мадæлон æвзаг бахъахъхъæнынмæ.
Сæрмагонд бæрндзинад æвæрд ис ирон æвзаджы ахуыргæнджытыл, кæцытæ нын нæ рæзгæ фæлтæры ахуыр кæнынц сывæллæтты цæхæрадæтты æмæ скъолаты. Æппæт ахуыргæнджытæн дæр, фыццаджыдæр та ирон æвзаджы ахуыргæнджытæн, мах хъуамæ кæнæм æппæтварсон æххуыс, аразæм сын уавæртæ æнтысгæ куыстæн. Ахуыргæнджыты профессионализм æмæ цæсгомджындзинадæй, амоныны гъæдæй æвдисгæ у æвзаг сахуыр кæныны æмвæзад, æмæ уый та нысан кæны æвзаджы фидæн.
Æмæ уæдæ, уадз, Ирон æвзаджы бон республикæйы æппæт цæрджытæн дæр суæд æцæг бæрæгбон, зæрдыл куыд лæууа, цахæм стыр хъæздыгдзинад нын ис, æмæ æрсидæм нæ удварны хъæздыгдзинад хъахъхъæнынмæ!
Зæрдæбынæй арфæ кæнын æппæт уыдонæн, кæцытæ дзыллæтæм хæссынц ирон ныхас, йæ мадæлон æвзагæн чи æххуыс кæны йæ рæзты хъуыддаджы.
Уадз, Хетæгкаты Къостайы, Плиты Иссæйы, Абайты Васойы мадæлон æвзаг зæлæд Ирыстоны алы хæдзары дæр!
Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар ХЪУЫЛЫМБЕГТЫ Доменти
***
Уарзут æмæ хъахъхъæнут мадæлон æвзаг!
Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли раарфæ кодта республикæйы æмбæстæгтæн Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны цытæн. Арфæйы дзырдæуы:
Республикæйы цытджын æмбæстæгтæ!
Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон сæйраг бæрæгбонтæй у сæ иу, кæцыйы нысан у мадæлон ныхасы æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын æмæ национ сфæлдыстады хуыздæр хуызтыл кады зарджытæ кæнын.
Ацы бæрæгбон алкæмæн дæр зынаргъ у, Ирыстоны зæххыл чи райгуырд æмæ схъомыл, чи йæ нымайы йæ райгуырæн бæстæйыл, нæ адæмы бирææнусон истори зынаргъ кæмæн у, уыдонæй алкæмæн дæр.
Абон стыр Хетæгкаты Къостайы æвзаг паддзахадон уæвгæйæ, цæры æмæ рæзы. Паддзахадон æмвæзадыл ист æрцыд ирон æвзаджы рæзты программæ, кæцы фадат дæтты ирон æвзаг æмæ литературæйы фидæнмæ оптимизмимæ кæсынæн.
Цытджын хæлæрттæ! Ацы нысаниуæгджын бон зæрдиаг арфæтæ æз æрвитын, ирон культурæ æмæ ирон ныхас зынаргъ кæмæн у, æппæт йæ тыхтæ, йæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад чи дæтты йæ райрæзтæн, æппæт уыдонмæ.
Уарзут æмæ хъахъхъæнут мадæлон æвзаг! Нæ мадæлон æвзаг æмæ литературæйы хъысмæт махæй алкæмæй кæнгæ у.
Мæ зæрдæ уын зæгъы сабырад, хæрзиуджытæ æмæ фæрныгад.
***
Президент Южной Осетии поздравил с днем рождения Алину Кабаеву
Президент Южной Осетии Леонид Тибилов поздравил с днем рождения олимпийскую чемпионку по художественной гимнастике, многократную чемпионку мира и Европы Алину Кабаеву.
В поздравлении главы государства говорится:
«Уважаемая Алина Маратовна!
Примите мои самые теплые поздравления по случаю дня Вашего рождения.
Легендарная спортсменка, человек активной гражданской позиции, Вы достойно служите Российской Федерации и ее народу.
В Южной Осетии с восторгом вспоминают торжественное открытие дворца спорта «Олимп», построенного на средства возглавляемого Вами благотворительного фонда. Этот спортивный комплекс стал прекрасным подарком для молодежи нашей республики.
Убежден, что Ваши целеустремленность, профессионализм и опыт всегда будут верными помощниками в Вашей благородной деятельности.
В день Вашего рождения желаю Вам доброго здоровья, благополучия, удачи и новых успехов».
***
Чрезвычайному и Полномочному Послу Республики Южная Осетия в Российской Федерации З.Н. Гассиеву
Многоуважаемый Знаур Николаевич!
Примите мои самые теплые поздравления по случаю дня Вашего рождения.
Истинный патриот своей Отчизны, верный сын осетинского народа, настоящий профессионал, Вы прилагаете немало усилий для благополучия и процветания родной Осетии. Ваша целеустремленность и умение добиваться реализации поставленных задач снискали Вам заслуженный авторитет и уважение Ваших друзей, коллег и близких людей.
Уверен, что Ваша деятельность в должности Чрезвычайного и Полномочного Посла Республики Южная Осетия в Российской Федерации и в дальнейшем будет вносить значимый вклад в дело укрепления и развития союзнических югоосетино-российских отношений.
В день Вашего рождения желаю Вам крепкого здоровья, удачи и успехов в высоком деле служения Отечеству.
Президент Республики Южная Осетия Леонид ТИБИЛОВ