Арфæ кæнын алы ирон адæймагæн дæр

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Абон у нæ национ хиæмбарынады сæйраг атрибут – Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон! Ацы зæрдылдарæн бон къæлиндармæ хаст æрцыд 2003 азы, «Ирон фæндыр»-ы рауагъды боны – 1899 азы 15 май. Уымæ гæсгæ ацы райсгæ уынаффæйæн ис ахсджиаг нысаниуæг, уæлдайдæр та ныры дуджы.

Нæ адæмæн кæддæриддæр æцæг ирон лæджы стыр дæнцæг уыдзæн Хетæгкаты Къоста. Уый уыд ирон литературæ æмæ ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг.

Къоста сидт йæ раттæг адæммæ, цæмæй æнувыдæй уарзой æмæ арф ахуыр кæной сæ мадæлон æвзаг, йæ истори. Нымадта йæ нацийы интеллектуалон æмæ монон рæзты сæйраг рахæцæныл. Гениалон поэт зыдта – ирон ныхас цы артдзæстæй хъуыса, уым кæддæриддæр бæрзонд бынаты уыдзысты ирон культурæ, ирон традицитæ æмæ фыдæлты фарн, нæ мадæлон æвзаг уыдзæн нæ ивгъуыд æмæ нын нæ фидæн кæрæдзийыл чи бæтта, ахæм æндон рæхыс.

«Хъуамæ алчидæр æмбара: æвзаджы сæфт кæй у адæмы фесæфт. Нæй æвзаг – нæй адæм» – фыста нæ номдзыд ахуыргонд Абайты Васо дæр. Цы адæймаг иттæг хорз зоны йæ мадæлон æвзаг, йæ традицитæ, уый кæцыфæнды æхсæнадæн дæр у кады аккаг. Абон мах хæсджын стæм, цæмæй æххæст кæнæм уыцы зондджын бацамындтытæ æмæ сæ сæрбæрзондæй адæттæм дарддæр – фидæны фæлтæртæм.

Арфæ кæнын алы ирон адæймагæн дæр абоны нысаниуæгджын боны цытæн, уæлдайдæр та ирондзинадыл чи тох кæны, чи йæ хъахъ-хъæны, мадæлон æвзаджы рæзты йæхи чи бæтты, йæ бахъахъ-хъæныны, хъуыддагмæ йæ хайбавæрд чи хæссы, уыдонæн.

Стыр бузныг уын!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сæрдар                                                      Мæргъиты Алан