ÆППÆТДУНЕОН ÆХСÆНАДОН ЗМÆЛД «ИРЫ СТЫР НЫХАС»-Ы ХАЙАД ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПАДДЗАХАД АЛАНИЙЫ СИДТ

Нæ цытджын, бирæ хъизæмæрттæ рацауæг фæлæ сæрибардзинад райсаг, ирон æвзаджы, ирон культурæ хæссæг, Фарнимæ цæрæг, фыдæлты Намыс æмæ Æгъдауыл хæцæг, паддзахад Аланийы æмбæстæгтæ!
Абоны бон, абоныккон уавæртæ нын тынг бандавтой на бирæтухи бавзæрæг адæмыл (Фыццаджыдæр зæрдыл дарæм коронавирус COVID-19 æмæ йæ фæстиуджытæ).
Бирæфарсон, вазыгджын зындзинæдтæ иуварс кæнын нын бирæ фактортæ хъыг дарынц. Уыдонæй сæ иу у закъон, барвæтк æмæ адæймагдзинады нормæтæ гумир æгъдауæй фехалын, уæлдайдæр та, адæймаджы цард хъахъхъæныны тыххæй бæрндзинад чи хæссы, ахæмты ‘рдыгæй.
Хуссар Иры зæххыл цы трагедитæ æрцыд нæ сыхæгты лæгмар гуырдзиаг тугцъир фашистыты къухæй аразгæ, уыдонмæ ма нæхи къухтæй дæр бафтыдтам сырдон мард чи æрцыдис уыцы æвзонг, цардбæллон Дзабиты Инал, кæцыйæн нал бантыст сæмбæлын йæ хиуæттимæ, уæлдайдæр та йæ æмкъай æмæ 3 сывæллонимæ. Дзæнæты бадæт, æмæ хæрзмæ аудæт йæ хиуæттыл!
Иналы амардыл нæхъæн Ирыстон цæссыг фæкалдта, æмæ ма уыимæ иумæ, адæм æнхъæлмæ кæсынц ахæм æбуалгъ, сырдон хъуыддаг чи сарæзта уыдон рæстаг дзуапп кæй ратдзысты закъоны æмæ адæймагдзинады домæнтæм гæсгæ.
Max стыр ныфс ис æмæ ацы фыдракæнды чи у аххосджын уыдон æрцæуой карз æфхæрд.
Ахæм домæнтæ цæуынц нæ Президенты ‘рдыгæй дæр, уымæн æмæ хæдбардзинад ма хъуамæ уа фидинаг сабырцæрæг адæмы тугæй, цардæй, уымæн æмæ хæдбардзинад æмæ цардхъомдзинад бæрæг кæнынц адæмы ныфсы тыххæй, йæ фаг тыхджын экономикон æмæ политикон стыр хъомады, стыр куырдиат-фадат дæттын Паддзахад Аланийы алы æмбæстагæн йæ бартæ æмæ архайды сæрибардзинад.
Æппæтдæр иумæ райсгæйæ адон нæм ‘сты, æмæ махæн бар нæй æмæ сæ иумæ ма бахъахъхъæнæм, ма батырнæм цæмæй нæ сæвæргæ нысæнттæ къухы бафтой.
Цы трагеди æрцыд уый у нæ радон иумæйаг рыст, кæцы махæн хъуамæ суа нæ ныфс, иудзинад æмæ хъæддыхдзинады фæлварæн – абоны боны вазыгджын хæслæвæрд.
Нæ адæм бирæ хатт бахаудысты зын, вазыгджын уавæрты, фæлæ иу сæ æдзонд æмæ æмбаргæдзинады фæрцы сæрæхстысты лæгдзинад равдисын.
Нæ зынаргъ Дзабиты Иналы амард у нæ рæхойгæ рыст æмæ йæ райстам куыд сæрмагонд стыр бæллæх, алкæй зæрдæ кæуыл фæрыст ахæм цау.
Нæ зондджын æмæ куырыхон адæммæ сидæм цæмæй равдисæм нæ хъæддыхдзинад æмæ ныфсы тых æмæ нæ алыварс цы дам-думтæ цæуы, куыд Интернеты, афтæ ма нæ «сыхæгты» массон информацийы фæрæзты цы хахуыр æмæ фæлитой æрмæджытæ мыхуыр цæуынц, уыдонмæ нæкæсгæйæ.
Ныфс нæ ис, æмæ иумæ хъæддых фæлæудзыстæм нырыккон расидтыты ныхмæ, æмæ Паддзахад Алани дарддæр кæндзæн йæ прогрессивон къахдзæфтæ йæ фидæны бæрзæндтæм.

ÆППÆТДУНЕОН ÆХСÆНАДОН ЗМÆЛД
«ИРЫ СТЫР НЫХАС»-Ы ХАЙАД
ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПАДДЗАХАД АЛАНИЙЫ