Ирыстоны алы ирон хæдзары дæр зæлæд нæ мадæлон æвзаг!

Арфæ Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны цытæн

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Абон мах нысан кæнæм нæ мадæлон æвзаджы бон, æмæ уын зæрдæбынæй арфæ кæнын. Ацы рæсугъд æмæ фæрнджын хæзна нын ныууагътой нæ фыдæлтæ.

Уыдон æй хъавгæ бавæрдтой историйы уæззау зилдухæнты, æмæ ныр та мах хæсджын стæм, цæмæй йæ сæфын ма бауадзæм, сфидар æй кæнæм æмæ йæ рæзгæ фæлтæрмæ адæттæм. Мах ирон æвзагæй царды алы фадыджы дæр куы пайда кæнæм, уæд уыдон дæр фендзысты, мах ын цы аргъ кæнæм, цы хъусдард æм здахæм æмæ уæд хъазуатондæрæй тырндзысты йæ ахуыр кæнынмæ.

Ирон æвзагыл сфæлдыстой нæ фыдæлтæ æнæмæлгæ Нарты эпос, Даредзанты кадджытæ, Царциаты кадджытæ. Ирон æвзагыл сты фыст стыр Къоста, Секъа, Темырболат æмæ иннæ стыр, адæмæн уарзондæр æмæ адджындæр поэттæ æмæ прозаикты уацмыстæ.

Ма нæ рох кæнæд, Хуссар Ирыстоны республикæ расидын æмæ паддзахадон хæдбардзинадыл тох дæр æвзаджы фарстатæй кæй райдыдта. Ирон æвзаг у нæ республикæ, нæ паддзахады бындур æмæ астæумагъз æмæ махæй алкæй хæс дæр у фылдæр хъусдард здахын æмбæлон паддзахадон программæтæм.

Зынаргъ хæлæрттæ, Ирыстоны алы ирон хæдзары дæр зæлæд нæ мадæлон æвзаг, зæрдæрухс ныййарджытæ йыл дзурæнт сæ ʻнæниз, амондджын хъæбултæм.

   Президент РЮО Алан ГАГЛОЕВ