Зынаргъ æмбæстæгтæ!
Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын Ирон æвзаг æмæ литерату-рæйы боны цытæн.
Ацы бон 1899 азы 15 майы мыхуыры рацыд Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ «Ирон фæндыр».
Нæ дзыллæйы хъуамæ алчидæр æмбара, куыд хъæздыг хæзна нын ныууагътой нæ уæздан фыдæлтæ. Ирон æвзаджы руаджы дуне базыдта Нарты кадджытæ, ирон æвзагыл се æнæмæлгæ уацмыстæ фыстой Хетæгкаты Къоста, Гæдиаты Секъа, Джусойты Нафи, Брытъиаты Елбыздыхъо æмæ иннæ номдзыд, адæмæн уарзондæр æмæ адджындæр поэттæ æмæ прозаиктæ.
Фæлæ цыфæнды хъæздыг æвзагæн дæр æнæмæлгæ нæй, дзурæг ыл куы нæуал уа, уæд. Махæн нæ хæс у, цæмæй нæ рæзгæ фæлтæрæн уарзын кæнæм нæ мадæлон æвзаг. Фæлæ уымæн æрмæст сур ныхæстæй аразæн нæй – нæ рæзгæ фæлтæр хъуамæ уыной æмæ æнкъарой, махæн, сæ хистæртæн, ирон æвзаг æрмæст бæрæгбонты уарзинаг кæй нæу, фæлæ æрвылбон дæр. Хъуамæ дзы пайда кæнæм нæ царды алы къабазы дæр. Афтæ куы уа, уæд фæсивæд дæр тырндзысты йæ зонынмæ, сæ цæсты уыдзæн кадджын.
Ирон æвзаг у нæ республикæ, нæ паддзахады бындур æмæ астæумагъз, æмæ махæй алкæй хæс дæр у архайын не ‘взаджы ахадындзинад фæбæрзонддæр æмæ фæуæрæхдæр кæныныл куыд æхсæнады, афтæ паддзахадон æмвæзадыл дæр.
Зынаргъ хæлæрттæ, бæрæгбоны хорзæх уæ уæд! Уадз æмæ ирон æвзаг кæддæриддæр уа фидар æмæ цардхъом, фарнимæ хъуысæд алы ирон хæдзары дæр.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан
